Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды сервистæ бадæттыны æрдгæй дæр хъуамæ уа регионы лидер
«Гуырдзыстонæн сегасæй ахсджиагдæр рард у – суа регионы лидер, æнæнизхъахъъæды къабазы сервистæ бадæттыны æрдгæй», – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, «Нью Хоспиталсы» ног корпусы байгомы церемонийыл.
Бирæпрофилон клиникæйы байгомы церемонийыл уыдысты премьер-министр æмæ æнæнизхъахъъхæды министр Давит Сергеенко.
«Абон «Нью Хоспиталс»-мæ ма баиу ис ног корпус, кæцыйы дæр уыдзæн æнæнизхъахъхъæды ног ардæмадтæ. Азты дæргъы «Нью Хоспиталс» ауды не æмбæстæгты æнæнизхъахъхъæдыл. Мæнæн тынг цин у кæцыфæнды активондзинад, кæцы баст уыдзæн не æмбæстæгтæн медицинон лæккад фæхуыздæр кæнынимæ. Æнæнизхъахъхъæд у сегасæй бæрзонддæр приоритет нæ политикъон къордæн. Фæнды мæ бакой уын кæнын, цæмæй 2018 азы бахъом стæм æнæнизхъахъхъæды бюджет, зæгъæн ис , иу миллиард ларийæ фæфылдæр кæнын, æпæттон æнæнизхъахъхъæды системæимæ иумæ, кæцы у иттæг ахсджиаг къахдзæф, фæлæ æмбарæм, цæмæй дзы аиппытæ нырмадæр ис», – хъусын кæны премьер-министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, аиппытæ æмæ сервистæ, кæцыты фæхуыздæр кæнын хъæуы, баст сты æмбæстæгтæн сервисты географион цæстæнгасæй комфортон дæр скæнын, афтæдæр пенсионертæн, социалонæй æнæхъахъъхæд æмбæстæгты медикаменттæй сифтонг кæныны фарстимæ.