Онкологион пациенттæн уæлбарджын аргъæй хоскæныны нысанæй, цалдæр бæстæимæ бадзырдтæ ауадзын план кæны

16:39, 04.09.2019

Æнæнизхъахъхъæды  министрад  рацыд инициативæйæ, уæлбарджын аргъæй  схоскæныны нысанæй, æрнызас кæна  уыцы  паддзахадтимæ,   кæцы рæтты  дæр  онкологион  низтæн хоскæныны нысанæй, Гуырдзыстонæй  сеппæтæй  фылдæр адæймаг ныццæуы, – уый фæдыл  окупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон  ифтонгад хъахъхъæды  министртæм кандидат, Экатерине Тъикъаралдзе, парламенты комитеты  иугонд  рабадтыл райхъусын кодта.

«Уымæн, цæмæй  æгæр стыр у  æмбæстæгты миграци  хоскæныны нысанæй,   уагдон бацархайдзæн, бæстæтимæ, кæцытæм дæр бæрзонд у  Гуырдзыстоны æмбæстæгты миграци, паддзахадон æмвзадыл  ауадза  бадзырдтæ, цæмæй паценттæн уæлбарджын аргъæй  схос кæной  уыцы периоды онг,  цалынмæ Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды системæ бахъом уыдзæн  уыдонæн æмбæлон  стандартты æмæ гъæды  хоскæнын рæувадаст кæнын», –  райхъусын кодта министртæм кандидат.

 

Хуыздæр