Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстон уыдзæн фыццаг бæстæ, кæцы цыбыр æмгъуыдтæм раивдзæн йæ автопаркъ электромобильтæй
Гуырдзыстоны хицауад бакуыста план, кæцымæ гæсгæ дæр фидæн 10 азы дæргъы бæстæйы архайæг автопаркъы 90 процент, ивд æрцæудзæн электромобильтæй, – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта, «Цъæх Политикъæйы» инициативæйы фыццаг этап, «Цъæх Политикъæ- экотранспорт»-ы презентацийыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон уыдзæн фыццаг бæстæ, кæцы ахæм цыбыр æмгъуыдтæм раивдзæн йæ автопаркъ элеткромобильтæй.
«Ай у тынг амбицион план, фæлæ иурæстæгонæй, стыр уæлидзинад æрхæсдзæн Гуырдзыстонæн æмæ тынг аргъджын скæндзæн нæ экономикæ. Ахсджиаг уæлидзинад раттам электротранспортæн, мидсудзгæ змæлынгæнæджын автомобильтимæ абаргæйæ. Таможнæйыл фидтон фактонæй суыдзæн нулы йас. Къахдзæф-къахдзæф ноджы фæфылдæр кæндзыстæм хъауджыдæрдзинад таможнæйыл фидтонты æрдгæй, электротранспорты æмæ традицион автомобильты æхсæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Уыйимæ иумæ ма, Гуырдзыстоны премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, райтынг уыдзæн инфраструктурæ, кæцы ноджы фæцырддæр кæндзæн æмæ баахъаз кæндзæн электромобильты импортæй интересджын æмбæстæгты.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, стимул ратдзысты лизингон схемæты скусын кæнынæн кæцымæ гæсгæ дæр пайдагæнæг балхæндзæн электромоблилы æмæ артагæй фæстауæрц суммæты руаджы, 5 азы æмгъуыдмæ бафиддзæн автомобилы аргъ.
Премьер-министры инициативæйы «Цъæх Политикæйы» архайадон планы фыццаг фазæйы «Цъæх Политикæ- Экотранспорты» презентаци, уагъд æрцыд КЪоджоры. Презентацийыл уыдысты дипломатттæ æмæ æндæр уазджытæ.