Мамука Бахтадзе -  Гуырдзыстон уыдзæн фыццаг бæстæ, кæцы цыбыр æмгъуыдтæм раивдзæн йæ автопаркъ электромобильтæй
Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстон уыдзæн фыццаг бæстæ, кæцы цыбыр æмгъуыдтæм раивдзæн йæ автопаркъ электромобильтæй

Гуырдзыстоны хицауад бакуыста план,  кæцымæ гæсгæ дæр  фидæн 10 азы  дæргъы  бæстæйы архайæг автопаркъы 90 процент,  ивд æрцæудзæн электромобильтæй, – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе райхъусын кодта, «Цъæх Политикъæйы»  инициативæйы  фыццаг этап, «Цъæх  Политикъæ- экотранспорт»-ы  презентацийыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон  уыдзæн  фыццаг бæстæ, кæцы  ахæм  цыбыр æмгъуыдтæм  раивдзæн йæ автопаркъ  элеткромобильтæй.

«Ай у тынг амбицион  план, фæлæ  иурæстæгонæй, стыр уæлидзинад  æрхæсдзæн  Гуырдзыстонæн  æмæ  тынг аргъджын скæндзæн нæ  экономикæ.  Ахсджиаг  уæлидзинад  раттам  электротранспортæн,  мидсудзгæ змæлынгæнæджын автомобильтимæ абаргæйæ.  Таможнæйыл фидтон  фактонæй  суыдзæн  нулы йас.  Къахдзæф-къахдзæф    ноджы  фæфылдæр кæндзыстæм хъауджыдæрдзинад   таможнæйыл фидтонты  æрдгæй, электротранспорты æмæ традицион автомобильты  æхсæн» – райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.

Уыйимæ иумæ  ма,  Гуырдзыстоны  премьер-министр  куыд  банысан кодта афтæмæй,   райтынг  уыдзæн  инфраструктурæ,  кæцы ноджы фæцырддæр кæндзæн  æмæ  баахъаз кæндзæн   электромобильты импортæй  интересджын  æмбæстæгты.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   стимул  ратдзысты   лизингон схемæты  скусын кæнынæн  кæцымæ гæсгæ  дæр   пайдагæнæг  балхæндзæн электромоблилы æмæ артагæй фæстауæрц суммæты  руаджы,  5 азы æмгъуыдмæ  бафиддзæн автомобилы  аргъ.

Премьер-министры  инициативæйы  «Цъæх Политикæйы»  архайадон планы   фыццаг фазæйы  «Цъæх Политикæ- Экотранспорты» презентаци, уагъд æрцыд КЪоджоры.  Презентацийыл уыдысты  дипломатттæ  æмæ  æндæр  уазджытæ.