Мамука Бахтадзе – Дунейы Банкъ, Гуырдзыстоны финансдзинады портфель фестырдæр кæндзæн
Мамука Бахтадзе – Дунейы Банкъ, Гуырдзыстоны финансдзинады портфель фестырдæр кæндзæн

Цалдæр формалон  процедурæйы фæуды фæстæ, Дунейы Банкъмæ бацæуæг  финансон  институттæ Гуырдзыстоны  финансдзинады портфел фестыр кæндзысты –  уый фæдыл  финансты министр  Мамука Бахтадзе, Дунейы  Банчы  æххæстгæнæг  директортимæ фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Дунейы  Банчы  æххæстгæнæг директорты делегацийы визит,  бæлвырд  дæнц  у, ома  Дунейы  Банкъ  йæ фарс кæй хæцы  бæстæйы цæугæ  реформæтæн.

«Дунейы  Банкъ у нæ сæйраг партнер,  уыцы реформæты  пакеты  имплементацийы хъуыддаджы, кæцыты дæр план кæнæм.  Сæрды  цалдæр  формалон   процедурæйы фæуды фæстæ,  Дунейы Банкъмæ бацæуæг  финансон  институттæ финансон портфел фестыр кæндзысты æмæ  нæм фæзындзæн фадат, сæххæст кæнæм фылдæр проект, сæрмагондæй  та  хицæн секторы.  Ай у иттæг нысаниуæгджын, уымæн æмæ нæ рард у, уа нын бирæ егъаудæр экономикон рæзынад.  Дзырдæуы  ахæм типы  экономикон рæзынадыл, кæцы нын  ратдзæн фадат, ацы  рæзынад  реалонæй фæзына  алкæцы бинонты  цардылæмæ Дунейы  Банчы  проектытæ нын растдæр ацы æрдæм баххуыс кæндзысты» –  загъта финансты  министр Мамука Бахтадзе.

Дунейы  Банчы  æххæстгæнæг  директор, Кристиан  Хоган куыд  райхъусын кодта афтæмæй, делегацийы  визиты нысан у  Гуырдзыстоны уæвæг уавæримæ æрзонгæ уын.

«Дунейы Банчы  æххæстгæнæг  директорты советы дæн  Канадæйы, Ирланди æмæ  Централон  Америкæйы  бæстæты номæй. Делегацийы визиты нысан у, æрзонгæ  уæм Гуырдзыстоны  уæвæг  уавæримæ.  Уыдзæн нын  бадзырдтæ хицауадимæ, хицæн секторы минæвæрттимæ, афтæма  Дунейы Банчы  финансгонд  бенефициартимæ. Æркæсдзыстæм  Дунейы Банчы æмæ Гуырдзыстоны  æмкуысткæнынады  фарстытæ. Дунейы Банкъ  нысаниуæгджын  партнер у Гуырдзыстонæн æмæ  мах иумæйагæй  æркæсдзыстæм  фидæны  стратеги æмæ  приоритеттæ»-  банысан кодта  Дунейы Банчы  æххæстгæнæг  директор, Кристиан  Хоган.

Дунейы Банчы  æххæстгæнæг  директорты  советы  делегаци, Тбилисмæ  знон æрцыд, кæцы  у  сæ фыццаг визит  Гуырдзыстонмæ.