Дунейы  Банкъы финансгондæй  Гуырдзыстоны  райдаы  ног проект –«Инноваци, инклюзивон ахуырад æмæ  гъæд»
Дунейы Банкъы финансгондæй Гуырдзыстоны райдаы ног проект –«Инноваци, инклюзивон ахуырад æмæ гъæд»

Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты, културæйы æмæ спорты  министр   Михеил Чхенкели  æмæ  Хуссар Кавказы  Дунейы  Банкъы  регионалон   директор, Себастьян  Моллинеус абон райхъусын кодтой ног  проекты – «Инноваци, инклюзивон  ахуырад æмæ  гъæд» райдайыны  фæдыл.

Ахуырады  министрады  информацийæ  102.7  милуан  доллары  аргъы  проектæн йæ нысан у, Гуырдзыстоны  адæймагон  капиталы  райрæзын кæнын, сколаагъоммæ  ахуырад рæувадатдæр скæнын,  хæрзгъæд  ахуыры  æмæ  бæзгæ ахуырадон æрдз æрфидар кæныны фæндагæй.

Министр  мадзалмæ бацæуæг æхсæнадмæ   дзырдæй  баздæхт  æмæ фæныхас кодта фæстиуджытыл, кæцыты  проект æрхæсдзæн ахуырады системæйæн.

Министр куыд  радзырдта, афтæмæй, зæгъгæ Дунейы  Банкъы  къорды партнерады фæлгæт  йæ  хъуыдыйы  дары   Гуырдзыстонæн æххуыс  æрдтæ  ардæмадæй:  инклюзивон рæзынады æмæ конкурентхъомад фæтыхджындæр кæнын, инвестирдзинад  адæймагон   капиталы   æрдæм æмæ   бæстæйы æнæфæцудгæдзинады фæхуыздæр кæнын.

«Фæнысангонд  ардæмадтæ та  дырысæй æмбæлгæ сты  бæстæйы сæйраг домæнтæм»,- райхъусын кодта министр.

Хуссар Кавказы  Дунейы  Банкъы  регионалон  директор  Себастьян  Моллинеусы дзырдæй,   Дунейы   Банкъ разы  у  Гуырдзыстоны  хицауады  тыхархайдимæ,  баахъаз кæна  фæсивæды рæзынад.

Ахуырады министрады информацийæ, иннæ æхсæз азы  дæргъы   проекты  инфраструктурон  компонент  ифтонг кæны  фондз ног скъолайы  арæзтад, 60-ы  бæрц  уæвæг скъолайы  реабилитаци, афтæма,   скъоламæ бацæттæгонд  сывæллæттыл фокусиргонд  æмæ  нырыккон  скъолаагъоммæ ахуырады  150-йæ  фылдæр программæйы  æрфидар кæнын. Æмтгæй райсгæйæ   проект   пайдаджын уыдзæн  скъолаагъоммæ  кары  æмæ  иумæйаг ахуыргæнæндон  скъолайы,  зæгъæн ис,  116 000 ахуыргæнинагæн. Проект, афтæдæр  ифтонг кæны  гендерон  æмсæрады  принциптæй  зын уавæры уæвæг къорды цæрджытæн (хъæуты æмæ  уæлхох регионты  ныллæг социалон-экономикон  статус цы ахуыргæнинæгтæн ис  уыдонæн),  этникон  къаддæрдæрты æмæ  хъауджыдæргонд  ахуырадон  домæнтæ  кæцы  ахуыргæнинæгтæн ис  уыдонæн æххуыс.  Куыстбынæтты  базарыл  æркуырдмæ  æмбæлон, ранæуæггонд академион  программæтæн рауæлдайгонд  45-ы  онг гранты фæрцы,  проект  афтæдæр  баххуыс уыдзæн  Уæлдæр ахуыргæнæндæтты  студенттæн.

Проекты,  Дунейы  Банкъы  æххæсгæнæг  директорты совет  2019 азы  29 майы   сбæлвырд кодта æмæ   финансдзинады бадзырд, уыцы  азы  18  июны  бафыста.