Мамука Бахтадзе – Давосы инвесторты æрдгæй фæбæрæг сæрмагонд интерес
Мамука Бахтадзе – Давосы инвесторты æрдгæй фæбæрæг сæрмагонд интерес

Гуырдзыстоны  финансты министр  Мамука Бахтадзе  Давосы  дунейы  экономикон форумы фæлгæтты, Гуырдзыстоны   премьер-министры æмæ гуырдзиаг делегацийы уæнгты  арызт фембæлдты  нысаниуæгыл фæныхас кодта.

«Гуырдзыстоны æрдæм  ис сæрмагонд интерес.  Уымæй фылдæр, ис сидтытæ уый тыххæй, цæмæй  нæ  партнертæн фæхай кæнæм  нæ фæтлтæрддзинад  уыцы реформæты,  кæцытæ æрфидар кодтам.   Мах райстам нысаниуæгджын  амындтæ  ставд корпорацитæй  ахæм  сферæты  райтынгы  цæстæнгасæй, цахæм дæр сты  туризм,  энергетикæ, бакусæн   кондад, хъæууон хæдзарад.  Цалдæр компанийы  сфиксир кодтой  позици, цæмæй  афæдзы иннæ æрдæгæй,   уыдон   райдайдзысты  активон  экономикон  куыст  Гуырдызстоны, кæцы  иттæг нысаниуæгджын у» – расидтис финансты министр Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны делегаци  Давосмæ  кусæн визиты абон фæуыдзæн.