Мамука Бахтадзе – Давосы инвесторты æрдгæй фæбæрæг сæрмагонд интерес
Гуырдзыстоны финансты министр Мамука Бахтадзе Давосы дунейы экономикон форумы фæлгæтты, Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ гуырдзиаг делегацийы уæнгты арызт фембæлдты нысаниуæгыл фæныхас кодта.
«Гуырдзыстоны æрдæм ис сæрмагонд интерес. Уымæй фылдæр, ис сидтытæ уый тыххæй, цæмæй нæ партнертæн фæхай кæнæм нæ фæтлтæрддзинад уыцы реформæты, кæцытæ æрфидар кодтам. Мах райстам нысаниуæгджын амындтæ ставд корпорацитæй ахæм сферæты райтынгы цæстæнгасæй, цахæм дæр сты туризм, энергетикæ, бакусæн кондад, хъæууон хæдзарад. Цалдæр компанийы сфиксир кодтой позици, цæмæй афæдзы иннæ æрдæгæй, уыдон райдайдзысты активон экономикон куыст Гуырдызстоны, кæцы иттæг нысаниуæгджын у» – расидтис финансты министр Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстоны делегаци Давосмæ кусæн визиты абон фæуыдзæн.