Мамука Бахтадзе - æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл æмæ Гуырдзыстон уыдзæн иууон, фидар æмæ æнтыстджын
Мах æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл, Гуырдзыстон суыдзæн иууон, фидар æмæ æнтыстджын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе Мухатгвердийы æфсымæрон ингæныл райхъусын кодта.
Бахтадзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ, Гуырдзыстоны оккупаци у уыцы рыст, кæцы алкæй дæр хъуамæ иу кæнид, æнæкæсгæ уымæ, цы хъауджыдæргонд политикъон ахаст ис.
«Ай у иумæйаг рыст, быцæусидт æмæ уырнæг дæн, Гуырдзыстон фæтых уыдзæн оккупацийыл. АБоны бон у стыр рыст æнæхосгæнгæ хъæдгом. Мæ сæр гуыбыр кæнын нæ хъайтарты нæмтты раз. Абоны бон у уыйы символ, цæмæй нæ нацийы консолидаци, æнæруромгæ тох, нысæнттæм æрцæуын план куыд у, нæ æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, уыдзæн уый гарантий, цæмæй æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм уырыссаг оккупацийыл æмæ Гуырдзыстон уыдзæн иууон, фидар æмæ æнтыстджын»,- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.