Мамука Бахтадзе - 14 апрелы гуырдзиаг наци равдыста æмуддзинад, цæмæй нæ хæдбындурдзинад бахъахъъхæдтаиккам
14 апрел у уыцы бон, гуырдзиаг наций æмуддзинад куы равдыста, цæмæй нæ хæдбындурдзинады сæры рахæцыдаиккам, уымæн æмæ не’взаг у гуырдзиаг хæдбындурдзинады æмæ идентондзинады æнæдихаг хай – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, Ивнэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг æвзаджы бонмæ нывонд къуырионы байгомыл райхъусын кодта.
«Сæрмагондæй райын нæ фæсивæдæй. Нæ бирææнусон истори й у сæрибардзинадæн тохы æмæ нæ хæдбындурдзинады нæхимæ æруадзынæн. Сæрмагондæй мæнæн 1978 азы 14 апрел у растдæр ахæм датæ. Бон кæцы рæстæджы дæр, гуырдзиаг адæм равдыста æмуддзинад цæмæй нæ хæдбындурдзинады сæрыл рахæцыдаиккам уымæн æмæ не’взаг у гуырдзиаг хæдбындурдзинады æмæ идентондзинады æнæдихаг хай.
Алкæцы дæр уæ зоны цæмæй ахуырад у нæ приоритет, националон идея, кæцы нын баххуыс уыдзæн Гуырдзыстоны раз уæвæг алы быцæусидтыл фæтых уыны. Гуырдзиаг æвзагæн, йæ сыгъдæгдзинады бахъахъхæнынæн ацы националон идеяйы ис сæрмагонд æмæ сегасæй ахсджиаг дæр роль» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстоны абон бæрæгбон цæуы мадæлон æвзаджы бон. Ацы бон 1978 азы 14 апрелы фæзындтæ банысан кæнынæн, 1990 азы сфидар ис. 1978 азы 14 апрелы Тбилисы уагъд грандиозон протестон рацыд, гуырдзиаг æвзагæн паддзахадон æвзаджы статус йæхимæ руагъдта æмæ бакуылымпы кодта советон хицауад, советон Гуырдзыстоны конституцийæ, паддзахадон æвзаджы фæдыл статий сисын.
Бæрæгбонмæ гæсгæ, бæстæйы масштабæй æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ сты палнгонд.