Мамука Бахтадзе - Паддзахад нæ бауаддзæн сæрмагонд æмбæстæгты царды æмæ æнæниздзинады æнæхъахъъхæнæгдзинад, ахицæн кодтам шахтæ æрыхгæнын
Паддзахад нæ бауаддзæн сæрмагонд æмбæстæгты царды æмæ æнæниздзинады æнæхъахъъхæнæгдзинад – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзейы ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
Бахтадзе, Минделлийы шахтæйы æрцæгæ трагедийы кой ракодта æмæ фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс ракодта.
Премьер-министр куыд дзуры афтæмæй, ома ист æрцыд скуыддзаг шахтæй сыхкæныны тыххæй.
Мамука Бахтадзейы информацийæ, шахтæ кусын не сног кæндзæн, цалынмæ фæдагуырд цæудзæн уæдмæ.
«Минделлийы номыл шахтæйы абон сæумæрайсом трагеди æрцыд. Тæфæрфæс кæнын фæмардуæджыты бинонтæн æмæ сын ацы уæззау минутты æмæнкъард кæнын.
Паддзахад нæ бауаддзæн сæрмагонд æмбæстæгты царды æмæ æнæниздзинады æнæхъахъъхæнæгдзинад. Ахицæн кодтам шахтæ æрыхгæнын.
Æрцæугæйыл райдыдта фæдагуырд æмæ алы бæрнон уæнг дзуапп лæвæрд æрцæудзæн закъонмæ куыд æмбæлы афтæ. Шахтæ йæ куыст не сног кæндзæн цалынмæ фæдагуырд нæ фæуыдзæн куыд тугтæрхоны и барады фæдæвзарæн, афтæ бæрзондквалифициргонд æхсæнадæмон инженерон-техникон экспертизæ.
Шахтæйы кусджытæн ацы периоды дæргъы, лæвæрд цæудзæн мызд», – банысангонд у премьер-министры ахæлиугонд фидиуæны.
Минделлийы шахтæйы абон сæумæрайсом трагеди æрцыд. Цауы амæттаг фесты 4 адæймаг. Ноджы æхсæз та зиæнттæ райстой. МХМ-ы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, Минделлийы шахтæйы иуæй-иу тунеы æнхъæлцау метаны стынды фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй æркалдис цар. Фактыл фæдæвзарæн райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы дыккаг хайæ.
Тъхъибулы шахтæйы бардарæг у компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди цæугæ азы 5 апрелы дæр æрцыд. Уæд цауы фæстиæгæн 6 адæймаг фæмард