Мака Бочъоришвили – оппоненттæ сæхи наративы стыхст сты æмæ никуыд фидауынц хъуыдыимæ, ома бæстæ гæнæн ис райса кандидаты статус
Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы сгуыхтдзинад у, ацы хицауад нын куы ис æмæ ацы хицауадæн ис фадат, сыххæст кæна реформæтæ Евроцæдисмæ интеграцийæн, – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны парламенты Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили загъта.
Мака Бочъоришвилийы бафарстой оппонентты фидиуæнты тыххæй, ома кандидаты статусы аккаг сты адæм, æрмæст хицауад та – нæй.
«Оппоненттæ стыхст сты сæхи наративы, сæхи идеяты æмæ никуыд нæ фидауынц, цæмæй бæстæ, гæнæн ис райса кандидаты статус. Уый у бæстæйы сгуыхтдзинад, – йæ хъуыдыйы дары адæмы, адæмы æвзæрст хицауады æмæ хицауад цы аразы Евроцæдисмæ интгерацийы тыххæй уый. Зонут цæмй 2014 азæй мах бирæ реформæтæ сыххæст кодтам Европæмæ интеграцийы æрдгæй, кæцы нысаниуæгджын æндæвдад скодта Гуырдзыстоны трансформацийыл, цæмæй Евроцæдисимæ фылдæр æмбынатин уа нæ бæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы Евроцæдисмæ интеграцийы процессы растдæр уымæн уыдзæн нысаниуæг. Кæд нæ ерын фæнды, акцент саразын геополитикон нысаниуæгыл æмæ адæмы сгуыхтдзинадыл, уæд кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы сгуыхтдзинад у, ацы хицауад нын куы ис æмæ ацы хицауадæн ис фадат, сыххæст кæна реформæтæ Евроцæдисмæ интеграцийæн», – райхъусын кодта Мака Бочъоришвили.