Мака Бочъоришвили Францы Европæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвæрттимæ фембæлдис
Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили Францы Республикæйы Европæйы æмæ фæсарæн зхуыддæгты министрады Кавказы æмæ Централон Азийы департаменты къухдариуæггæнæг Матье Комбсимæ æмæ ацы министрады Евроцæдисы æддæ ахастыт департаменты хайады хистæр Бенуа Лерозеимæ фембæлдис.
Парламенты пресскуысты информацийæ, фембæлдыл фæныхас кодтой Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграциимæ баст фарстатыл, бæстæйæн Евроцæдисы кандидаты бæстæйы статус раттыны фæдыл Еврокомиссийы лæвæрд æвæрццаг рекомендацийыл æмæ рекомендациты сыххæсты процессыл.
Афтæма сæ хъусинагæй, æркастысты декабры Евроцæдисы Советы фæлгæтты æркæсинаг фарстатæ æмæ Францы позици фæнысангонды фæдыл.
Мака Бочъоришвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн реформæты фæндаг, цæмæй бæстæ цæттæ уа Евроцæдисы уæнгдзинадмæ. Парламенты информацийæ, Мака Бочъоришвили бахахх кодта ацы процессы Евроцæдисимæ æмæ йæ уæнг бæстæтимæ æмгуыстады нысаниуæг.