Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочоришвили Австрийы Республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны Роберт Гершнеримæ фембæлд сарæзта.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлдыл дыууæфарсон æмкуыстдзинады нысаниуæгджын фарстатыл бакастысты. Ацы контексты бахахх кодтой бæстæты æхсæн традиционæй хæларадон æмæ партнерон ахастытæ. Партитæ бахахх кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн политикон диалог фæтыхджындæр кæныны ахсджиагдзинад.
Сæ ныхасмæ гæсгæ, фембæлдыл Гуырдызстон æмæ Австрийы æхсæн экономикон æмæ секторон æмкуыстдзинад фæарфдæр кæныны æнæмæнгхъæугæдзинад уыд. Ныхас Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн ахастытæм дæр баххæссыд. Банысангонд æрцыд Европæйы интеграцийы фæндагыл Австрийы Республикæйы фарсылхæцындзинады нысаниуæг.