Мака Бочъоришвили – Æнæвизæ дыууæрдæм змæлды фарстайæ спекуляци дарддæр кæны, кæцы уый амоны, цæмæй иуæй-иу тых уымæй æвзæрстыты фæстиуджытыл æндæвдад скæнынæн архайы
Мака Бочъоришвили – Æнæвизæ дыууæрдæм змæлды фарстайæ спекуляци дарддæр кæны, кæцы уый амоны, цæмæй иуæй-иу тых уымæй æвзæрстыты фæстиуджытыл æндæвдад скæнынæн архайы

Евроцæдсисы  уæнг бæстæтæ  бæрæг фарстатыл кæрæдзиимæ нæ разы кæнынц, фæлæ  дарддæр кæны æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  фарстайæ  спекуляцидзинад, уый комкоммæ  амоны,  цæмæй  иуæй-иу тых   ацы  темæтæй  пайда кæны, цæмæй  бæрæг æндæвдад скæна   æвзæрстыты фæстиуджытыл, –  уый фæдыл парламенты  Европæимæ интеграцийы   комитеты  сæрдар  Мака Бочъоришвили   райхъусын кодта.

Бочъоришвилийы бафарстой  рауагъдад «Politico»-ы статийы  тыххæй, кæцымæ гæсгæ дæр,  «Евроцæдис цæттæ у Гуырдзыстонимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  режим аскъуына,  кæд «Картули Оцнеба»   йæ авторитарон  траектори арддæр кæндзæн уæд».

«Федтам, цæмæй бæрæг  æнхъарæнтæ уыд  цæттæ æндæр æмæ æндæр   институтты  æрдгæй. Афтæма  федтам Евроцæдисы  советы  тынг  критикон   хатдзæг, кæцыйы  ахæм  фарстаæ æвдыст нæ уыдысты. Адон  уыцы  фарстатæ  сты,  цæуылдæр Евроцæдисы уæнг бæстæтæ нæ разы  кæнынц  кæрæдзиимæ, фæлæ  дарддæр кæны æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  фарстайæ спекуляцидзинад. Уый та  амоны, цæмæй ис  фарстаьтæ,  кæцытæй  иуæй-иу  тых  архайы, бæрæг æндæвдад скæнын  æвзæрстыты фæстиуджытыл.  Ацы  тыхтæ  ацы  фарстатæй  пайда кæнынц  уый тыххæй, цæмæй  шантажы  æвзагæй  сдзурой  гуырдзиаг адæмимæ æмæ æндæвдад скæной   сæ  уынаффæйыл æвзæрстыт процессы. Нæй  гæнæн рагафон дзурай æвзæрстыты  аиппытыл,  æвзæрстытæ нырма куы нæ ауыдысты  афтæ.   Гуырдзыстоны æвзæрстытæ ауадзыны  фæлтæрддзинад ис  æмæ ахæм   драматон аргхлæвæрдты  саразыны  бындур нæй. Ацы  фарстатæн сæ барадон бындур  æмæ разæууæлттæ  ис,  ахæм фарстаты  каст  куы  цæуы æмæ уæнг бæстæтæ  уынаффæтæ  куы  исынц,  уæд.   Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы  ахастыты   ахæм разæууæлттæ  нæй, уыдон сты æрмæст спекуляцитæ», – райхъусын кодта Бочъоришвили.