«Майвей Эарлайнсы» генералон директор хъусын кæны, цæмæй Суданы авиакомпанийы 13 кусæг ис, кæцытæ фæстаг бæрæггæнæнтæй æдасæй сты
Авиакомпани «Майвей Эарлайнсы» генералон дирепктор Рати Бакъурадзе хъусын кæны, цæмæй Суданы ис сæ компанийы 13 кусæг, кæцытæ ацы этапыл æдас ран сты.
Бакурадзейы дзырдæй авиакомпани æнхъæлмæ кæсы Суданы уавæры æрсабырмæ, цæмæй йæ кусджыты эвакуаци скæна.
«Нæ 13 кусæг сты Суданы. Фæстаг бæрæггæнæнтæй, æдасæй сты. Эпицентрæй дардгомау, дон сын ис æртæ боны фаг æмæ иу боны фаг та хæринаг. Фæлæ нæ судайнаг партнертимæ æмкуыст кæнæм æмæ бацархайдзыстæм, цæмæй максималон цыбыр æмгъуыдтæм сын бадæттæн хæринаг æмæ дон. Ацы этапмæ сын ис электроэнерги, æхгæд сты фæндæгтæ æмæ змæлд арæнгонд у уый тыххæй, цæмæй революцион сценаритæ цæуынц. Бафæдзæхстам алкæй, цæмæй сæхи дард дарæт рудзгуытæй уымæн æмæ знон уыдис чысыл инцидент, нæмыг куы сæмбæлди хæринаг кæм аразынц уыцы уатмæ, фæлæ амæттгаг нæй, уымæн хуыссæн уаттæ цæрæн хай сты бæстыхайы иннæ фарс. Æнхъæлмæ кæсæм стуацийы стабилизацимæ. цæмæй нæ экипажы ракæнæм. Ацы этапыл коммуникацийы стæм Туркы Гуырдзыстоны консулимæ æмæ кæрæдзиимæ ивæм информаци. Цъæх кæлидорыл ныхас цъус раджы у, уымæн æмæ цалдæр тыхæй стæй уым кæцыты контрол зын у», – райхъусын кодта Рати Бакурадзе.