Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан, Анкарайы АИШ-ы вице-президент Майк Пенсимæ æмæ паддзахадон нымæрдаримæ Майк Помпеоимæ фембæлыныл нæ загъд кæны. информаци уый фæдыл хъусын кæны телекомпани «Скай Еьюс» Эрдогъан медеафæрæзæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, Майк Пенс æмæ Майк Помпео сæ коллегæтимæ фембæлдзысты.
«Æз семæ ныхас кæнын нæ хъавын. Уыдон сæхи рангы уæнгтимæ сараздзысты бадзырдтæ. Трамп куы æрцæудзæн ардæм, уæд фæныхас кæндзынæн» – райхъусын кодта Турчы президент.
АИШ-ы хицауадон делегаци, кæцыйы сконды вице-президент Майк Пенс, паддзахадон нымæрдар Майк Помпео æмæ националон æдасдзинады фарстаты президенты уынаффæгæнæг, Роберт О’Брайен сты, Туркмæ абон рæгмæ ныццæудзысты. Урс хæдзары дзырд уыдис, цæмæй уыдон президент Эрдогъанимæ, æхсты фæурæды фæдыл бадзырдтæ ауадздзысты.