Майк Пенс Туркмæ æрсидтис, ма фæлварæт Дональд Транмпы быхсынхъомад æмæ америкаг пасторы ссæрибар кæнæт
Америкæйы Иугонд Штатты вице-президент Майк Пенс, туркмæ æрсидтис, АИШ-ы президент Дональд Трампы быхсынхъомад ма фæлварæт æмæ америкаг пасторы ссæрибар кæнæт, – Майк Пенс уый фæдыл социалон хызаг Twitter-ы сæрмагонд фарсыл ныффыста.
«Турчы ахст патсор, Эндрю Брансон æнаххос адæймаг у. Рæстдзинад домы, цæмæй йæ ссæрибар кæной. Хорз уыдзæн, кæд Турк, Дональд Трампы быхсынхъомад нæ бафæлвардзæн. Президенты кæцы пасторы АИШ-æм æрыздахын цыфæнды амæлттæй бацархайдзæн», – фыссы Америкæйы Иугонд Штатты вице-президент.
Америкаг пастор дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æнæразыдзинады ноджы иу æфсон у. Эндрю Брансоны Турчы, 2016 азы æрцахстой Фетулла Гюллены организациимæ бастдзинады аххосагæй. Уымæ æртъхъирæн кæны 35 азон ахст.
Официалоон Анкара, америкаг пасторы ссæрибар кæныны бæсты АИШ-ы цæрæг динамонæг Фетулла Гюллены Туркмæ экстрадици куры. Официалон Анкара уыйы, турчы æфсæддон фæфæлдæхты архайды организацидзинады зылыныджын кæны. Фæнысангонд æнхъарæнимæ разы нæу официалон Вашингтон.