Турчы  президент -  НАТО Сирийы  территорийыл  цæугæ  фæзындтæм хъуамæ  баиу  уа
Турчы президент - НАТО Сирийы территорийыл цæугæ фæзындтæм хъуамæ баиу уа

Турчы   президент  Реджеб Тайип Эрдогъаны  дзырдæй,  зæгъгæ  цæгат-атлантикон  альянс   хъуамæ  ногæй  æркæса  сæрмагонд  позицимæ æмæ  Сирийы   территорийыл  уæвæг  уавæрмæ  баиу  уа.  Ацы  фидиуæны   Реджеб Тайип Эрдогъан  Вашингтонмæ  абалц  кæныны  размæ    сарызта,   цы ран   АИШ-ы  президент  Дональд Трампимæ хъуамæ  фембæла.

«НАТО йæ  позицимæ ногæй  хъуамæ æркæса  æмæ Сирийы  территорийыл   цæугæ  фæзындтæм баиу  уа.   Растдæр уый  тыххæй дæттын æз  стыр нысаниуæг  3-4  декабрмæ  плангонд   фембæлдæн.   Турк  ацы  фарстайы  альянсы   лидерты  фембæлдыл   размæ  рахæцдзæн.   Цы  куыст кæна  НАТО,  цæмæн нæ хъæуы  мах  уагæвæрды   фæндзæм стати?  Фарсхæцын  альянсæн  йæхи куы  хъæуы,  уæд Анкъарайæ  æххуыс  уайтагъд æрдомынц.  Афтæма  Турк  НАТО-ы бюджетмæ  цы  суммæтæ  бахаста   уыдоны  бæрцæй    дыккаг кæнæ æртыккаг бынатыл  ис.   Фæлæ  куыддæр дзы  ныхас  сырæза   Турчы раз  уæвæг тасты  фæдыл,  Анкарайы   уайтагъд  иунæгææй  фæуадзынц.   Алцыппæт   уый  фæдыл  фæуынаффæ  кæндзыстæм Лондоны» –  райхъусын кодта   Эрдогъан.

Турчы  лидер   афтæдæр загъта, цæмæй  зæгъгæ  «Сирий-Турчы   арæнгæронæй террористты  ракæнын  нæдæр АИШ-æн æмæ  нæдæр  Уæрæсейæн  бантыстис».

«Нæдæр Уæрæсе æмæ ндæрæ АИШ-æ   нæ бахъом  сты  Сирийы  цæгат скæсæн хай,  террористтæй  расыгъдæг кæнын.  Хæцджытæ  ацы  территори  нæ ныууагъдтой.  Уый  бæрæг у   уыцы  теракттæй,   кæцытæ   Камишлыйы  æмæ Сирийы   æндæр районты   цæрæг   сабырадон   цæрджыты  ныхмæ  сæххæст сты» – райхъусын кодта   Эрдогъан.