Майя Санду – Молдовæ  нæ бауадздзæн  Уæрæсейы базайраджы реэкспорт Молдовæйы территорийы уылты
Майя Санду – Молдовæ нæ бауадздзæн Уæрæсейы базайраджы реэкспорт Молдовæйы территорийы уылты

Молдовæйы президент  Майя Сандуйы  фидиуæнæй,   зæгъгæ Молдовæ нæ  бауадздзæн  Уæрæсейы  базайраджы реекспорт  сæрмагонд территорийы уылты.

Санду куыд  банысан кодта афтæмæй,   Молдовæ  баст у  Уæрæсейы   энергоресурстыл, цæй тыххæй дæр  ахицæн кодта, цæмæй  нæ  баиу уыдзæн   Уæрæсейы ныхмæ  уагæвæрд  æхсæнадæмон  санкцитæм, фæлæ  хицауад хъавы , фæхъыгдара Уæрæсейы ма  спайда кæна Молдовæйыæ базайраджы реекспортæн  æмæ санкциты иуфæрсты ацæуыны  нысанæн, Молдовæйы  банкон системæмæ бацыды фадат  ма ратта.

«Зонын  санкциты алыварс бирæ  дискусси цæуы, фæлæ  нæй риск, цæмæй  Уæрæсейæн йæ бон бауа  санкциты иуфæрсты ацæуын  Молдовæйы банкон  системæйы фæрцы.   Мах афтæдæр  нæ бауадздзыстæм  уырыссаг базайраджы реэкспорт  Молдовæйы уылты», – райхъусын кодта  президент.

Президент банысан кодта, цæмæй  Уæрæсейы æмæ Молдовæйы  экономикон  ахастыты æртæ сæйраг   сферæ ис –  æмгуыстад  финансон секторы, молдовайаг  базайраджы  экспорт æмæ уырыссаг  газы балхæд.