«Магтикомы» абоненттæн абонæй номыры лæггады фидинаг скуыста.
180 боныл фидинаг у иу лари. Суммæ номыры хыгъдæй автьоматонæй ралыг уыдзæн.
Фыццаг Къаналæн коммуникациты националон камисы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, камисы 14 февралы уынаффæ, тарифты рæзты фæурæды фæдыл, номыры лæггадыл фидинагмæ нæ бандæвдта.
Камис баурæдта «Магтикомы» пакетты аргъы рæзт, афтæдæр сын бахæс кодта уæвæг 25 ларийы æнæлимит пакет йæ тыхы ныууадзын.