Ллойд  Остин – Фæцис мæм фадат æмæ цыт, ног инициативæйы тыххæй райхъусын кæнын, кæцы централон уыдзæн АИШ-ы æмæ  Гуырдзыстоны æфсæддон  æмкуысткæнынадæн
Ллойд Остин – Фæцис мæм фадат æмæ цыт, ног инициативæйы тыххæй райхъусын кæнын, кæцы централон уыдзæн АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æфсæддон æмкуысткæнынадæн

АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойд Остин, кæцы  хъахъхъæнынады  нымæрдар рангы Гуырдзыстоны  фыццаг хатт  уæвы,  хъахъхъæнынады  министр  Джуаншер  Бурчуладзейæн   хъарм райсты тыххæй   базынг загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  АИШ  бæрзонд аргъ кæны  Гуырдзыстонæн, куыд стратегион  партнер, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн  нæ фарсхæцынад æнæфæцудгæ у.

Уыимæ иумæ,  АИШ-ы   хъахъъхæнынады нымæрдар  «Гуырдзыстоны иргъæфхъомады æмæ   уромынхъомады» ног   инициативæйыл фæныхас кодта.

«Абон мæм фæцис фадат  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министримæ иумæ  райхъусын кæнæм  Гуырдзыстоны хæдиргъæфы æмæ  уромынхъомады инициативæйы фæдыл.  Апцы инициативæ  уыдзæн централон иу æрдгæй  АИШ-ы  хъахъхъæнынады департаментæн, иннæ рдгæй та   Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад æмæ Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхты æхсæн  æмгуыстадæн.

Ай нысан кæны æцæг дæр ног  фазæ  нæ бæстæты æхсæн дыууæфарсон   æдасдзинады æмгуыстады æрдгæй.  Мах æцæгдæр спайда кæндзыстæм Гуырдзыстоны хæдиргъæфы программæйæ æмæ  адарддæр кæндзыстæм институцион  реформæтæн æххуыс хъахъхъæнынады  сферæйы.   Стынг кæндзыстæм    фадæттæ æмæ  амалхъомад, кæцы  æнæмæнгхъæугæ  у  эффективон   уромыны æмæ  хæдиргъæфæн.  Къух араздзыстæм  афтæдæр  Гуырдзыстоны НАТО-имæ æмбынатыдзинадæн», –  райхъусын кодта Ллойд Остин.