Ллойд Остин – Америкæйы сигнал Дунемæ у уый, цæмæй Украинайæн æххуысы æрдгæй стæм иугонд, фауæм Уæрæсейы æнæраст бырст Украинамæ
ФауæмУæрæсейы æнæпровоциргонд æмæ æнæраст лæбурд Украинамæ æмæ дарддæр кæнæм Украинайæн æххуыс – уый фæдыл АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар, Ллойд Остин, НАТО-йы хъахъхъæнынады министериалы размæ, аляьнсы генералон нымæрдаримæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
Ллойд Остины дзырдæй, зæгъгæ коллективон хъахъхъæнынады фæдыл Вашингтоны хæсист æнæфæцудгæ у.
«Арфæгæнæг уæ дæн хъæддых лидердзинадæн. Мах аргъ кæнæм уæ лидердзинадæн сæрмагондæй та ахæм рæстæджы. Нæ бон бацис цырд уынаффæтæ рахæссын. Америкæйы сигнал Дунемæ у уый, цæмæй иугонд стæм дунеимæ Украинайæн æххуысы æрдгæй. Фауæм Уæрæсейы æнæпровоциргонд æмæ æнæраст лæбурд Украинамæ æмæ дарддæр кæнæм Украинайæн æххуыс. Украинайæн ис легитимон æмæ суверенон хицауад. Бæрæг у, æххуыс сын кæнæм сæ фадæттæн хииргъæфы æрдгæй. Адарддæр кæндзыстæм уыдонæн æххуыс. Æргомæй дзурæм, цæмæй НАТО-йы фæндзæм статийы æрдгæй нæ хæсист у æнæфæцудгæ æмæ йæ мах сыххæст кæндзыстæм. Бузныг уын лидердзинады тыххæй æмæ бузхныг æмцæдисонтæн алкæмæн, ома иугонд стæм Украинайæн æххуысы фарстайы фæдыл» – банысан кодта Ллойд Остин.