Лиз Трас - Уæрæсе хъуамæ басæттæм æмæ стæй ауадзæм семæ бадзырдтæ
Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг лиз Трас хъусын кæны, цææмй Уæрæсеимæ бадзырдтæ æрмæст Украинайы йæ састы цауы ис гæнæн.
Украинаг медийы хъусинагæй, фæнысангонды фæдыл, Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр НАТО-йы саммиты фæлгæтты уагъд форумыл райхъусын кодта.
«Махæн æнæмæнгхъæугæ у, сфитонг кæнæм Уæрæсейы с аст Украинайы. Уый у æнæмæнгхъæугæ Европæйы æдадсзинады, сæрибардзинад æмæ демократийæн. Уый у иунæг фæндаг, европæйыв дæргъвæтин сабырдзинад сфидар кæнынæн» – райхъусын кодта Лиз Трас.
Уый ма банысан кодта цæмæй нæ уыны Уæрæсеимæ бадзырдты гæнæндзинад уыцы уавæры, йæ æфсæддæ Украинайы куы лæууынц.
«Ис адæймæгтæ, кæцытæ дзурынц, цæмæй бадзырдты фадат ис ацытæккæ, цалынмæ Уæрæсейы нырма Украинайы ис, фæлæ хъуыды кæнын, уый æрхæсдзæн мæнг сабырдзинад. Уый расайдзæни дарддæр агресси фидæны. Мах хъуамæ сахуыр кæнæм ивгъуыды уроктæй – дæнцæн, Минскы протоколы, рæдыдтытæй, кæцы нее сифтонг кодта дæргъвæтин сабырдзинад регионы. Уæрæсе нырма хъуамæ басæттæм æмæ стæй рабадæм бадзырдтæм»- райхъусын кодта Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр.