Ливаны   антихицауадон  акцийы   дæсгай  адæймаг райстой  зиæнттæ
Ливаны антихицауадон акцийы дæсгай адæймаг райстой зиæнттæ

Ливаны   антихицауадон  акцийы   дæсгай  адæймаг райстой  зиæнттæ.  Уый  фæдыл   информацийы   агентады  «Ройтер»   хъусын кæны.

Бæстæйы  сæйраг сахар Бейруты   цæугæ  хицауады  ныхмæ  митингыл,  æдадсзинады  тыхты  æмæ   демонстрантты  æхсæн  бацæудзинад сырæзт.

Пъæлицæй митинггæнджыты  ныхмæ  цæссыгуадзæн газæй  æмæ резинæйæ  нæмгуытæй  архайдта.

Ахæлиугонд информацийæ,  15 адæймагы фæхæццæ кодтой рынчындонмæ.  Пъæлицæйы  хъусын кæнынц,   цæмæй  афтæдæр зиæнттæ  райстой   20 барадхъахъъæнæгы.

Ливаны акцитæ  октябры  фæстæ цæуынц, фæлæ  зноны акци уыд  сеппæтæй  масштабон.