Франц Ливанæн экономикон реформæты æххуысæн рауæлдай кæндзæн 550 милуан евро

Франц  Ливанæн экономикон реформæты  æххуысæн   рауæлдай кæндзæн 550 милуан  евро.  Уый фæдыл   Францы   хъахъъæнынады  министр   Жан-Ив ле  Дриан  Паризы, Ливаны  фарстытыл уагъд  конференцийыл  райхъусын кодта,  кæдæмдæр Ливаны  хицауад  ныццыд  16 миллиард  доллары бæрцы инвестициты æрбаласынмæ.

Фæнысанкæнинаг у, цæмæй  бæстæ   Сирийы  авдазон   хæсты фæстиуæгæн  1, 5 милуан   сирийагы райста, кæцы Ливанæн æрхаста  нысаниуæгджын  экономикон  зиан.  Бейрут  афтæдæр иуæй-иу  раздзог бæстæ у  паддзахадон хæсы  æрдгæй  дунейы.

Премьеры  ныхæстæм гæсгæ,  ногæй рацарæзты фæндагыл  лæууæг бæстæ,  ныфсджын у, цæмæй  æхххуы ы  иу  æртыккæгæм хай, сæрмагонд инвестициты хардзыл æрцæудзæн, æрмæст  иннæ  суммæты  мобилизаци скæнын та  сæ бон бауыдзæн  грантытæй  æмæ   концессион  кредитты  руаджы.

Паризы   конференцийы  50-йы  онг   бæстæйы минæвар  исы хайад. Сæ нымæцы АИШ, Уæрæсе, Сауды Аравийы, æмæ Къатары.