Лиссабоны фуникулёры фæстиуæгæн аварийы амæттæгты нымæц 17-мæ схызт
Лиссабоны историон фуникулёр «Глория»-йы аварийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 17 онг сырæзт – уый фæдыл Португалийы сæйраг сахары æмбæстагон хъахъæды куысты хъусын кæнынц.
Аварийы фæстиуæгæн фæцæфгонд дыууæ адæймаджы æхсæвыгон рынчындоны фæмард сты. Фæмардуæвджыты æхсæн ис фуникулёры кусæг, афтæ дæр португайлаг æмæ фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгтæ, кæцыты гоймагдзинад нырма бæрæг нæу.
21 адæймаг фæцæф сты, се æхсæн Португалийы, Германийы æмæ Испанийы æмбæстæгтæ. Фæцæф ис æртæаздзыд сывæллон дæр.
Ныридæгæн бæрæг нæу, цæмæй æрцыд авари. Фæдагуырд полици, прокуратурæ æмæ транспортон æдасдзинады националон уагдон уадзы.
Инцидентмæ гæсгæ, Лиссабоны мэрийы ноджы æртæ фуникулёры эксплуатаци дæр æрурæдтой, цалынмæ басгæрст нæ фæуыдзæн.
Информацийæн, фуникулёр «Глория»-йы вагон ахызт рельстæй. Португалийы хицауад 4-æм сентябры расидт хъыггæнæн бонæй.