Лиетувæйы Украинайы минæвары  информацийæ, Володимир Зеленски план кæны, июлы Вильнюсы плангонд НАТО-ы саммитмæ  ацæуын
Лиетувæйы Украинайы минæвары информацийæ, Володимир Зеленски план кæны, июлы Вильнюсы плангонд НАТО-ы саммитмæ ацæуын

Украианйы  президент  Володимир Зеленски план кæны, июлы   Вильнюсы плангонд НАТО-йы  саммитмæ  ацæуын.  Уый фæдыл  Лиетувæйаг  медиаимæ интервьюйы,  Лиетувæйы  Украинайы  минæвар   Петр Бешта   райхъусын кодта.

«Уый план кæнæм. Фыццаг цы нæ  бахъæуа у,  хонæн, Уымæн æмæ Украина  нæу  НАТО-йы  уæнг.  Ныфс дарæм, райсдзыстæм æй  æмæ Украинайы  хæсты  фæдыл   уавæры  кардиналон   ивддзинады   ныфс нæ ис» райхъусын кодта дипломат куы йæ бафарстой, ацæудзæн æви нæ Зеленски  саммитмæ  уый  дзуаппæн.

Уыимæ, Украинайы минæвар  банысан кодта, цæмæй Вильнюсы  фембæлдыл  дырыс  формулировкæмæ æнхъæлмæ кæсынц  НАТО-йы  уæнгсуæвыны фæдыл.

«Вильнюсы  фембæлдыл  æнхъæлмæ кæсæм  тынг дырыс  формултировкæмæ, цæмæй  куыддæр хæст фæуыдзæн афтæ  уайтагъд Украина суыдзæн АНТО-йы  уæнг», – райхъусын кодта Лиетувæйы Украинайы  минæвар.

Украинамæ Уæрæсейы егъаумасштабон  интервенцийы фæстæ Володимир Зеленски  визиттæй уыдис АИШ-ы, Стыр Британийы, Францы æмæ Брюсселы.  Минæвары дзырдæй,   зæгъгæ ацы визиттæ, кæцы 2022  азы  кæрон райдыдта,  уæлвæтк уыдысты, уымæн  æмæ Зеленски Киевы  хъуамæ уа.