Лиетувæйы президентон æвзæрстыты дыккаг тур финансты раздæры министр Ингрида Симмонитэ æмæ экономист Гитанас Наусэдайы æхсæн сырæздзæн
Лиетувæйы президентон æвзæрстыты фыццаг туры сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта бæстæйы раздæры финансты министр Ингрида Симмонитэ. Лиетувæйы централон æвзарæнон камиисы информацийæ, æппæт æвзæрстгæнæн зылдты бæрæгггæнæнты бахыгъды фæстæ, Симмонитэ райста хъæлæсты 31.13 проценты.
Дыккаг бынатыл 30.95%, лæууы экономист Гитанас Наусэда.
Бæстæйы премьер-министр, Саулюс Сквернелис, райста хъæлæсты 19.72% æмæ æртыккаг бынатыл ис.
Фæстиуджытæм гæсгæ, 26 майы, президентон æвзæрстыты дыккаг туры, фыццаг-дыккаг бынæттыл чи сты, уыцы кандидаттæ Ингрида Симмонитэ æмæ Гитанас Наусэда стох кæндзысты.
Популярон æмæ Уæрæсейы критикæйæ номдзыд архайæг президент Далия Грибаускайтейæн, æвзæрстыты хайад райсыны бар нал уыд, уымæн æмæ уый Лиетувæйы президенты постыл дыууæ æмгъуыдæй уыд.