Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр - Уæрæсе та халы Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы территорион нæхъæндзинад
Уæрæсе та халы Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы территорион нæхъæндзинад, – уый фæдыл, OSCE-ы 28 министериалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергис.
Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты муагдоны къудариуæгæнæгы ныхæстæм гæсгæ, организацийы мидæгæй ахсджиаг у консессус, фæлæ Уæрæсейы архæйдтытæ зын кæнынц консессусмæ æрцыд.
«OSCE-ы министериал цæуы тынг тæссаг рæстæджы. Консессусы тыххæй ныхас кæнæм ацы организаций æмæ ууыл, цæмæй цас хъæугæ у уый ма фесафын. Пайдаджын уыдзæн зæгъæм уый, цæмæй консессус цæуыл æмæ кæй æхсæн хъуамæ уа. Консессусы иу фарс, Уæрæсейы æфсæддон хайадтæ æмбырд кæнынц Украинайы арæнгæрон æмæ карздæр кæны уæвæг ныттынггонд уавæр. Уæрæсе та халы Украинайы, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы тæрриторион æнæхъæндзинасд. Æмбæстагонд тыгъдадтæ каддæр кæнынц Уæрæсейы мидæг дæр. Æнæхицауадон организациты фæсарæйнаг агенттæй схуыдтой, сæрибар медиа-фæрæзтæ ныхъхъус кодтой, æмбæстагон дзыллæйы къордтæ æмæ религион къордтæ террористон организацитæй схуыдтой. Уый æппæт аразы OSCE-ы уæнг бæстæ. Ныххатыр мын кæнут оптимистонæй кæй нæ кæсын, уымæн æмæ гæнæн консессусы фенын ахæм хаъуджы ахасты æхсæн мæ бон нæу» – банысан кодта Ландсбергис.