Леван Иоселиани хицауады администрацийы цур акцийы хайадисджытимæ фембæлдис
Адæмон барты хъахъхъæнæг Леван Иоселиани хицауады администрацийы цур ахондроплазийæ рынчын сывæллæтты ныйарджытимæ фембæлдис.
Леван Иоселиани куыд банысан кодта афтæмæй, æнæнизхъахъхъæды министрадимæ иумæ, адæмон барты хъахъхъæнæг активонæй баст у кусæн къорды, цæмæй проблемæ сывæллæтты хуыздæр интерестæм æбæлгæйæ алыг уа.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмон хъахъхъæнæгы аппарат йæхимæ бæрн нæ райсдзæн нæдæр ацы препараты æрласыныл, нæдæр йæ гъæдыл æмæ фæстиуæгыл дæр. Уый нæу нæ аргълæвæрды хай. Уый чи хъуамæ сараза, уыдимæ ацы адæймæгты эффективон коммуникацийæн саразæм йæ къух. Ацы процессы солидарондзинад æвдисæм уыдонæн. Цалдæр политик мæм фæдзырдтой æмæ сын загътон, цæмæй политикотимæ иумæ æз акцийыл нæ дæн, уымæн æмæ политиктæн сæрмагонд бонвæтк ис æмæ адæмон хъахъъхæнæгæн та – йæхи. Уый тыххæй дæр архайæм нæ мандаты фæлгæтты. Æрбацыдтæн, цæмæй сбæлвырд кодтаин уый æмæ алцыппæт аразæм сæ хъæбулты интерестæ бахъахъхъæнынæн», – райхъусын кодта Леван Иоселиани.