Акцийы хайадисджытæ  Кашуеты аргъуанмæ бацыдысты
Акцийы хайадисджытæ Кашуеты аргъуанмæ бацыдысты

Акцийы хайадисджыты хай  Кашуеты аргъуанмæ  ахызтысты, цы ран  цырæгътæ æссыгъдтой.  Акцийы хайадисджыты хай та, парламенты цур территорийыл сты.

Акцийы хайадисджытæ æмбырд кæнын абон 19:00 сахатæй   парламенты  цур  æмæ фысымуат «Параграфы» райдыдтой.  Параллелонæй, фысымуаты цыдис  мадзал, кæцы  Азийы Райрзты Банкъы  (ADB)  57-æм  афæдзон  фембæлды  фæлгæтты  цыд.  Акцийы хайадисджытæ  куыд райхъусын кодтой,  фæндыд сæ  мадзæлтты  хайадисджытæ  фехъустаиккой сæ.

Фæстæдæр  акцийы  хайадисджытæ  цыд «Картули Оцнебайы» офисы  цур араст сты.  Стæй  та  фæстæмæ Руставелийы  проспектмæ æрыздæхтысты.

Акцийы хайадисджытæ «фæсарæйнаг  æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты асидынимæ иумæ, акцийы рæстæджы  ахст  уæнгты ссæрибар кæнын домынц.