Леван Иоселиани – бадзырдты æртыккаг раунд, æнхъæлцау, ацы къуырийы уыдзæн
Парти «Æмбæстæгты» уæнг Леван Иоселианийы фидиуæнæй, бадзырдты æртыккаг раундыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæн оппозицийы домæнтæм æмбæлон хъуамæ уа.
«Рагафонмæ зæгъын зын у, цавæр æнхъарæнимæ æрбацæудзысты, фæлæ уый хъуамæ уа бæзгæ æнхъарæн æмæ оппозцимæ цы домæнтæ ис, уыдонмæ æмбæлгæ. Оппозици дæр уый тыххæй бады бадзырдты фынгыл, цæмæй йæм ис ресурс, йæ домæнты фæхатыр кæна æмæ æркуырдтæ максималонæй баввахс кæна, фæлæ фылдæр порти ис хицауады фæзыл. Уыдон нын абоны онг ницы банхъарыдысты», – загъта Леван Иоселиани.
Иоселианийы хъуыдымæ гæсгæ, бадзырдты æртыккаг раунд цæугæ къуырийы сырæздзæн æмæ бæрæг фæстиуæгæй фæуыдзæн.