Леван Иоселиани  хъусын кæны, цæмæй  20 майы  ахст  Элене Хоштариа, адæмон барты  хъахъхъæнæгы минæваримæ фембæлыныл не сразы ис
Леван Иоселиани хъусын кæны, цæмæй 20 майы ахст Элене Хоштариа, адæмон барты хъахъхъæнæгы минæваримæ фембæлыныл не сразы ис

Адæмон барты  хъахъъхæнæг Леван Иоселианийы  фидиуæнæй,  20 майы   ахст  «Дроайы»  лидер  Элене Хоштариа   нæзагъд ракодта   адæмон хъахъхъæнæгы  минæваримæ  фембæлыныл.

Иоселиани  куыд банысан кодта афтæмæй,   омбусдмены  минæвæрттæ æрцахстуæвæг адæймæгты  бæрæгдзау уыдысты.

«Адæмон барты   хъахъхъæнæгы минæвæрттæ   фыццаг минутæй   баст сты   ацы процессы, мæ  информацийæ 17 – ы онг адæймаг  æрцахстой æмæ алкæмæ  дæр цæуынц бæрæгдзау.  Хоштариа нæзагъд ракодта  уыимæ фембæлыныл. Нæ æххæстбарты фæлгæтты  аразæм   алцыппæт, цæмæй æрцахстуæвæг  адæймæгты  бартæ уа  хъахъхъæд» – банысан кодта Иоселиани.

«Дроайы»  лидер Элене Хоштариайы  знон  Телавы  пъæлицæйы   цур  æрцахстой.