Леван Давиташвили – экономикон райрæзты æрдгæй, регионы æмæ глобалонæй уæвæг æртхъирæнтæмм нæкæсгæ, Гуырдзыстоны экономикæ дарддæр кæны рæзын
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, 2022 азы Гуырдзыстоны экономикæ дарддæр кæны рæзын уыцы быцæусидтытæм нæкæсгæ кæцытæ ис регионы æмæ æмтгæй зæгъгæйæ, глобалонæй экономикон райрæзты æрдгæй.
Давиташвилийы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны экономикæ виппайды сæндидзыд пандемийы фæстæ.
«Экономикæйы райрæзты нысаниуæгджын хайбавæрд скодта транспорты æмæ æвæрæнты, арæзтады, амалиуæгады æмæ лæггады секторы, сæ нымæцы туризмимæ баст куыстыты эконмоикон активон дзинады рæзт, йæхи æрдгæй, экономикон активондзинады рæзт нысаниуæгджын фактор уыд æддæ базарады, туризмы, æхсæнадæмон уæзты ласыны æмæ æндæр каналтæй ист валютон æфтиæгтæ. Экспорт райрæзтис 43 процентæй, æмæ 4.5 милиард доллары бæрц у. Ардгæй бынæттон экспорты 25% райрæзтис æмæ æртæ миллиард 100 милуан ларимæ ахæццæ ис. Январ-октябры базарадон зилдух 15 миллиардæй ахызт æмæ 33 процентæй райрæзтис раззаг азимæ абаргæйæ» – райхъусын кодта Леван Давиташвили.
Леван Давиташвилийы дзырдæй, зæгъгæ нысаниуæгджынæй райрæзтис комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ дæр.
«Фыццаг дыууæ кварталы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, нын уыдис 922 милуан долларæй фылдæр комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ, кæцытæй 43 процентæй фылдæр у Евроцæдисæй, уый у фыццаг дыууæ кварталы бæрæггæнæнтæ», – райхъусын кодта министр.
Афтæма йæ информацийæ, Гуырдзыстонмæ туризмæй 2 миллиард 854 милуан доллары æрбафтыд. Фæкаддæри æгуыстдзинад – Сакстаты информацийæ, æртыккаг кварталы бæрæггæнæнтæй, æгуыстдзинад историон минимуммæ æрхауд æмæ у 15.6% бæрц.
Министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстонæн, регионы иуæй-иу сеппæтæй бæрзонддæр экономикон рæзт ис.
«Æхсæнадæмон Валютон Фонды бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, цæугæ азы нын хъуамæ уа 10%-ын экономикон рæзт, уый у нæ партнеры Æхсæнадæмон Валютон фонды прогноз æмæ афтæдæр прогноз ныфсдæттæг у иннæ цалдæр азы дæргъы. 2022-2027 азты, фæдылдзог фондз азы мидæг, Гуырдзыстонæн регионы, иуæй-иу сеппæтæй бæрзонддæр экономикон рæзт хъуамæ уа, сеппæтæй бæрзонддæр хъуамæ уа экономикон рæзт Европæйы – 5.8 процент у Æхсæнадмон Валютон Фонды прогноз», – банысан кодта Леван Давиташвили хицауады абоны рабадты фæуды фæстæ лæвæрд брифингыл.