Леван Давиташвили  фембалдис Гуырдзыстоны Иугонд Паддзахады  минæваримæ
Леван Давиташвили фембалдис Гуырдзыстоны Иугонд Паддзахады минæваримæ

Гуырдзыстоны  фыццаг вице-премьер,  экономикæ æмæ  æнæфæцудгæ райрæзты   министр   Леван Давиташвили  Гуырдзыстоны  Иугонд  Паддзахады  ног минæвар  Гаррет Уордимæ фембæлдис.

«Фембæлдыл   кастæуыд   дыууæфарсон  æмгуыст, «Уордропы   стратегион  далогы»  фæлгæтты,  сæ нымæцы  базарадон-экономикон  æрдæмадæй.  Сæрмгаонд  хъусдард   здæхт уыдис   æмгуыстадыл   инвестициты, дыууæфарсон   базарады æмæ туризмы   секторты.

Бахахх ис  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады   æхсæн бафыст   уæгъдибар  баарады  бадзырды фæлгæтты,  æмгуыстад фæарфдæры   нысаниуæг.  Афтæма  банысан ис, цæмæй Иугонд Падзахад Гуырдзыстоны иуæй-иу   ставддæр æхсæнадæмн инвестор у æмæ æххæссы  экономикæйы æнæиу нысаниуæгджын  сектормæ.

Фыццаг вице-премьер деталонæй  фæныхас кодта   ставд  инфраструктурон  проекттыл, сæ нымæцы, Анаклиайы   æрфдойнаг   наулæууæныл, Сау Денджызы   донбын   кабелы темæмæ,   Тбилисы ног  æхсæнадæмон аэропортмæ æмæ   æнд. Бахахх ис  фæнысангонд  проектты   нысаниуæг бæстæйы  эконмикон  райрæзты æмæ регионон  транспортон-логистикон   æмæ энергетикон  системæйы интеграцийы æрдгæй.

Фембæлдыл   афтæдæр бахахх ис   комкоммæ  уæлдæфон змæлд райдайыны   нысаниуæг, туризмы æмæ æмбæстагон  авиацийы  секторты   æмгуыстад фæарфдæры  æрдгæй.  Фæнысан ис, цæмæй ауæнæг  бритайнаг   авиакомпанитимæ  цæугæ   бадзырдтæ  хатдзæгон этапыл сты, кæцыйы  фæуды фæстæ   бритайнаг авиакомпанитæн сæ бон уыдзæн  регулярон   рейсты  сыххæст кæнын Гуырдзыстонимæ.

Фембæлдыл  афтæдæр æркастысты æмгуыстад инновациты æмæ технологиты  секторы æмгуыстады фæарфдæры  æрдгæй», – дзырдæуы  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты  министрады  пресскуысты  публикацигонд   информацийы.