Лаша Хуцишвили  АИШ-ы  паддзахадон депаратменты санкциты координацидзинады офисы  къухдариуæггæнæгимæ фембæлдис
Лаша Хуцишвили АИШ-ы паддзахадон депаратменты санкциты координацидзинады офисы къухдариуæггæнæгимæ фембæлдис

АИШ-æмæ визиты фæлгæтты  финансты министр  Лаша Хуцишвили   АИШ-ы   паддзахадон департаменты  санкциты  координацийы  офисы  къухдариуæггæнæг   минæвар Джим О’Брайенимæ  фембæлдис.

Фарсытæ   афæлгæстой æхсæнадæмон  санкциты  сыххæсты   процессы   Гуырдзыстоны æрдгæй  арызт къахдзæфтæ  æмæ ацы æрдгæй   партнерты   координацидзинады  фарстатæ.

Финансты  министр  санкциты  координацидзинады   офисы   къухдариуæггæнæгæн бузныг   загъта  фарсдарыны тыххæй,  кæцыйыл  Гуырдзыстоны фæхæст ис  æхсæнадæмон санкциты  сыххæсты  процессы  æхсæнадæмон   фæлтæрддзинадимæ æрзонгæ æрдгæй æмæ    ныфс равдыста, цæмæй дарддæры  активондзинæдтæ ацы æрдгæй,   ноджы  стынгдæр кæндзысты   бæстæйы  фадæттæ  æхсæнадæмон  регуляциты  сыххæсты  хъуыддаджы.

Бæрæг куыд у афтæмæй,  АИШ-ы паддзахадон департаменты рекомендацийæ, финансты министрады  æфтиæгты  куыстмæ лæвæрд уыд   æхсæнадæмон   санкциты ахуырадон  платформæ «DOLFIN»-мæ уагъды бар æмæ  ныр,  таможнæйы департаменты  дыууæ кусæгмæ лæвæрд уыд   санкциты сыххæсты   эксперты  сертификаттæ.

Фембæлдыл ноджы иу  хатт, бахахх ис  æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ  иумæ координацигонд  куысты нысаниуæг, афтæма  æвæрццаг аргълæвæрд уыд   æхсæнадæмон  санкциты сыххæсты  æрдгæй Гуырдзыстон  цы куыст ракодта уымæн.