Лаша Хуцишвили – ницы  бындур ис  искæмæ фæзына зæрдæхсайд ома Гуырдзыстоны  санкцитæ куыд æмбæлы  афтæ  нæ  æххæст кæнынц
Лаша Хуцишвили – ницы бындур ис искæмæ фæзына зæрдæхсайд ома Гуырдзыстоны санкцитæ куыд æмбæлы афтæ нæ æххæст кæнынц

Æрвылбйонон режимы  ивæм  информаци АИШ-имæ, афтæ Евроцæдисимæ, уый тыххæй дæр ницы  бындур ис, искæмæ  зæрдæхсайд уа, ома Гуырдзыстоны  санкциты  сыххæст æмблгæйæ  нæ цæуы, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  финансты  министр, Лаша Хуцишвили хицауады  абоны  рабадты  фæуды фæстæ  брифингыл   райхъусын кодта.

Лаша Хуцишвили  банысан кодта, цæмæй  санкциты сыххæсты æрдгæй,  куыд финансон секторы, афтæ базарады   æрдгæй,  Гуырдзыстоны  хицауады æмæ  Националон  банкы æрдгæй  тынг  карз  контрол цæуы.

Финансты министры  дзырдæй, зæгъгæ  æдæрсгæйæ ис зæгъæн, цæмæй  æхсæнадæмон санкциты сыххæсты æрдгæй,  Гуырдзыстон у  размæцыд бæстæтæй  сæ иу.

«Алы инструмент, кæцы хъæуы, цæмæй бæ стæмæ уа  ацы æрдгæй,   куыд  таможнæйы æрдгæй, афтæ  финансон  æрдæмадæй, банкон сектормæ гæсгæ бынатыл ис.  Иудадзыг коммуникацийы  стæм   сæрмагондæй, уыцы  оргæнтимæ æмæ агентадтимæ, кæцытæ æххæст кæнынц  æмбæлгæ  контроль, куыд Евроцæдисы, афтæ   Стыр Британийы, АИШ-ы æмæ æндæр бæстæты, кæцытæ сфидар кодтой санкцитæ.  Уый æппæтмæ  æмбæлгæйæ  дæр,  Гуырдзыстон цы мадзæлттæ  ауагъта,  уыдон дæттынц  уый гаранти, цæмæй  Гуырдзыстон цæсгомджынæй  æххæст кæны  йæхимæ цы хæстæ райста,  уыдон иууылдæр», – райхъусын кодта Лаша Хуцишвили.