Ларсы таможнæ-ауадзæн пунктыл организаци «Дроайы» активисттæ акци уадзынц
Ларсы таможнæ-ауадзæн пункты цур организаци «Дроа»-ы активисттæ акци уавдзынц.
Акцийы хайадисджытæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, сæ нысан у протест равдисын Уæрæсейæ ралидзгæ Уæрæсейы æмбæстæгтæн, цææмй уымæй сын равдисой ам фæндон визитер кæй не сты уый.
«Фыццаг Каналы» корреспондент акцийæ куыд хъусын кæны афтæмæй, тунелы иннæ рдгæй ацы рæстæгмæ змæлд у арæнгонд æмæ акцийы хайадисджытæн уырдæм ахизыны фадат нæй.
Акцийы хайадисджытæн бараджахъхъъæнджытимæ ацы темæйыл чысыл быцæудзырд дæр уыд.
«Дроайы» уæнгтæ куыд дзурынц афтæмæй, цух нæу, цæмæй кæд ма сын ноджы сæмбонд кæндзысты змæлд æмæ нæ ратдзысты фадат цы сæ фæнды, уæд гæнæн ис фæндаг бынтон сыхгæной.
Патрулон пъæлицæйы къухдариуæггæнæджы хæдивæг, Каха Бухрадзе райхæлдта, цæмæй арæнæвæрдтæ цæуы сæ æдасдзинады тыххæй.
«Зонут цавæр змæлд ис Ларсы ауадзæн пунткыл, куыд Уæрæсейы Тбилисы æрдæм, афтæ Тбилисæй Уæрæсейы æрдæм. Змæлд у куылымпыгонд æмæ акцийы хайадисджытæн бамбарын кодтам, цæмæй бынтон коллапс ма рцæуа, курæм сæ, фæндаджы цæуæн хайыл æрлæууæд æмæ сæ кæд фæнды, плакаттæ дæр райтауæд æмæ ауадзæт цы митинг сæ хъуыди уый», – райхъусын кодта Каха Бухрадзе.
Уыимæ организаци «Дроайы» лидер Элене Хоштариа акцийыл йæхæдæг нæй.