Ларсы таможнæ-ауадзæн пунктыл   организаци «Дроайы» активисттæ   акци уадзынц
Ларсы таможнæ-ауадзæн пунктыл организаци «Дроайы» активисттæ акци уадзынц

Ларсы таможнæ-ауадзæн пункты цур  организаци «Дроа»-ы  активисттæ  акци уавдзынц.

Акцийы хайадисджытæ  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  сæ нысан у  протест равдисын  Уæрæсейæ ралидзгæ  Уæрæсейы  æмбæстæгтæн, цææмй уымæй сын равдисой  ам фæндон  визитер  кæй не сты уый.

«Фыццаг Каналы»  корреспондент  акцийæ куыд хъусын кæны афтæмæй,   тунелы иннæ рдгæй  ацы рæстæгмæ  змæлд у  арæнгонд  æмæ акцийы хайадисджытæн  уырдæм ахизыны фадат нæй.

Акцийы  хайадисджытæн  бараджахъхъъæнджытимæ ацы  темæйыл  чысыл быцæудзырд дæр уыд.

«Дроайы» уæнгтæ куыд дзурынц афтæмæй,   цух нæу,  цæмæй  кæд ма сын ноджы  сæмбонд кæндзысты   змæлд  æмæ  нæ ратдзысты фадат  цы сæ  фæнды,  уæд гæнæн ис   фæндаг бынтон сыхгæной.

Патрулон пъæлицæйы  къухдариуæггæнæджы хæдивæг, Каха Бухрадзе  райхæлдта, цæмæй арæнæвæрдтæ цæуы сæ æдасдзинады тыххæй.

«Зонут цавæр змæлд ис Ларсы ауадзæн  пунткыл, куыд Уæрæсейы Тбилисы æрдæм, афтæ Тбилисæй  Уæрæсейы æрдæм. Змæлд у  куылымпыгонд æмæ акцийы   хайадисджытæн бамбарын кодтам, цæмæй  бынтон коллапс ма рцæуа,  курæм сæ, фæндаджы  цæуæн хайыл æрлæууæд æмæ сæ  кæд фæнды,  плакаттæ  дæр райтауæд  æмæ  ауадзæт цы митинг сæ хъуыди уый», – райхъусын кодта Каха Бухрадзе.

Уыимæ организаци «Дроайы»  лидер Элене Хоштариа  акцийыл йæхæдæг нæй.