Гуырдзыстоны Националон Банкъ публикаци скодта фидиуæн, ларийы къурсы тыххæй.
«Валютæйы ивды къурс у автоматон стабилизатор æддæ шокты рæстæджы. Ацы уавæрты ивды къурсы фæаслам æххæст кæны «шокъы цъирæг» механизмы роль. Фæасламы фæстиуæгæн, цасдæр рæстæджы фæстæ, фæкъаддæр вæййы импорт æмæ/кæнæ райрæзы экспорт. Цас цырддæр сырæздзæн валютæйы къурсы коррекци, уый йас къаддæр уыдзæн негативон эффект экономикæйæн, æмæ уый тыххæй дæр, къаддæр фæаслам бахъæудзæн. Националон Банкъ ахæм периоды фæсарæйнаг валютæ куы ауæй кæна, уымæй æрмæст валютæйы къурсы кореекцийы рæстæг ахæцдзæн, фæарфдæр уыдзæн шок æмæ фылдæр фæаслам уыдзæн къурс (æндæр æмæ æндæр азты дæнц: Азербайджан, Казахтан, Уæрæсе, Украина).
Лæвæрд этапыл бæлвырд прогнозтæ саразын зын у, фæлæ фыццагон бахыгъдмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы туристон къадайы фæкъаддæры æндæвдад Гуырдзыстоны экономикæмæ аххæсдзæн 200-300 АИШ-ы милуан доллармæ, афæдзы баззайгæ периоды дæргъы. Ацы æддагон шок бандавдзæн фидтонон балансмæ, æмæ уый тыххæй дæр валютæй къурсмæ…» – дзырдæуы НАционалон банкъы фидиуæны.
Афтæма, Националон Банкъ прогноз дæтты, цæмæй æнæкæсгæ уæрæссейаг шокмæ, Гуырдзыстоны фидтонон баланс, афæдзы фæстиуджытæй фæхуыздæр уыдзæн ивгъуыд азтимæ абаргæйæ.
Нацбанкъ ноджы иу хатт æрсидтис æмбæстæгтæм, цæмæй кредиттæ исой уыцы валютæйæ, кæцыйы дæр сæм æфты æфтиæгтæ.
«Иурæстæгонæй, ноджы иу хатт сбæлвырд ис, цæмæй долларизацийы фæныллæг кæныны политикæ æмæ бæрнон кредитлæвæрды принципты скусын кæнын, уыдысты раст æмæ афоныл рахæсгæ уынаффæ» – дзырдæуы фидиуæны.