Лаосы ауæзт ратынды фæстиуæгæн дæсгай адæймаг амард, сæдæйæ фылдæр та, æвæндаг æрбайсæфт

Лаосы хуссар-скæсæны, Атапуйы  провинцийы, ауæзт  ратынды  фæстиуæгæн  дæсгай  адæймаг   амард,   сæдæйæ  фылдæр та,  æвæндаг æрбайсæфт.

Ауæзты  ратынд  расидтис   фидар  донивылд,   кæцыйы фæстиуæгæн  æхсæз  хъæу  сцад сты.  6000-æй  фылдæр адæймаг  æнæхæдзар фесты.

Атапуйы  провинцийы  уæвæг  донмарæны  ныккалды  аххос  бæрæг нырма нæу.