Куыстурæд æрзæткъахджытæ протест уромынц æмæ куыстбынæттæм райсомæй æрыздæхдзысты
Чъиатурайы куыстурæд цы æрзæткъахджытæ расидтысты уыдон сæ протест уромынц æмæ сæ куыст бынæттæм райсомæй æрыздæхдзысты, уый тыххæй экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава Чъиатурайы райхъусын кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, нæхæргæ протестгæнæг æрзæткъахджытæм та лæвæрд æрцæудзæн фидгæ æнцоуæгъдтæ æмæ хъус æрдардзысты сæ æнæниздзинады уавæрмæ.
«Фæрстæ æрцыдысты разыдзинадмæ, цыддæриддæр медицинон фæдзæхсынмæ æххæссы, хæлцадмæ, æнæнизхъахъхъæдимæ баст элементарон домæнтæм – уый у компанийы хæс. Мах уыдзыстæм цæтсдарджытæ æмæ гарантортæ, цæмæй уый æппæт кæронмæ сæххæст уа. Мыздтæм гæсгæ та, хорз у æмæ дыууæдæр фарс æрцыдысты зондджын компромиссмæ, сæ зæрдыл бадардтой компанийы финансон уавæр, афтæдæр кусджыты æркуырдтæ æмæ сырæзт зондджын компроомисс. Ацы хайы мах æрмæст медиаторы роль сæххæст кодтам, уымæн æмæ раст у хицæн бизнес æмæ кусæг æрфидауой, уый нымæцы мызды темæйыл» – райхъусын кодта Натиа Турнава.
Йæ аргълæвæрдæй, кризисон ситуаци сабырæй аскуыддзаг ис.
«Сæрмагондæй принципон æмæ æнæбафидаугæ уыдзыстæм уыцы домæнтæ сæххæсты хайы, кæцы æххæссы куысты æдасдзинадмæ, æнæнизхъахъæдмæ, хæлцадмæ. Уый æппæтмæ гæсгæ тынг конкретон плæнттæ бавдыстæуыд» – райхъусын кодта министр.