Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн йæ нысан у 2021 азы бынæттон хæдуынафæйы разæвзарæнон кампани æмæ æвзарæнон процесс срухс кæна балансгондæй æмæ объективонæй, алы æхсæнадæмон стандарттæм æмæ уыцы аргъдзинæдтæм æмбæлгæйæ, кæцытæ ис Æхсæнадон Уацхæссæгмæ.
Растдæр уый тыххæй разæвзарæнон кампанийы æмбæрцæй æмæ нейтралонæй срухс кæнынæн, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал партитæн æнхъары телеуынынады æмæ радио эфиртæ.
ЦÆК-ы регистрацигонд алы квалифициргонд партимæ лæвæрд уыдзæн æмбæрц эфиры, куыд информацион рауагъд «Моамбейы» афтæ алы æхсæнадон-политикон программæты. Æппæт æвзарæнон периоды дæргъы «Моамбейы» сæйраг рауагъдты срухс уыдзæнис æвзарæнон субъектты (куыд квалифициргонд афтæ æнæквалифициргонд) алы нысаниуæгджын активондзинад, сæ æвзарæнон программæтæ æмæ позицитæ, рауагъдимæ уыдзæн сурдо-тæлмац æмæ сæйраг рауагъд рæувадат у сомихаг æмæ азербайджайнаг æвзæгтыл (æвзаджы режим аивын гæнæн ис сет-топ-боксы фæрцы).
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал план кæны специалон æвзарæнон формат «Дебаттæ 2021».