Куыд Рухс  кæндзæн æвзæрстытæ Гуырдзыстоны Фыццаг Канал
Куыд Рухс кæндзæн æвзæрстытæ Гуырдзыстоны Фыццаг Канал

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн йæ нысан у 2021 азы  бынæттон хæдуынафæйы  разæвзарæнон  кампани  æмæ æвзарæнон   процесс  срухс  кæна  балансгондæй æмæ   объективонæй, алы æхсæнадæмон стандарттæм æмæ  уыцы аргъдзинæдтæм æмбæлгæйæ,  кæцытæ ис  Æхсæнадон Уацхæссæгмæ.

Растдæр уый  тыххæй   разæвзарæнон  кампанийы  æмбæрцæй  æмæ нейтралонæй срухс кæнынæн, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  партитæн  æнхъары  телеуынынады æмæ  радио эфиртæ.

ЦÆК-ы  регистрацигонд  алы  квалифициргонд  партимæ лæвæрд уыдзæн æмбæрц    эфиры, куыд  информацион рауагъд «Моамбейы» афтæ  алы  æхсæнадон-политикон  программæты.  Æппæт æвзарæнон   периоды  дæргъы  «Моамбейы»  сæйраг рауагъдты    срухс уыдзæнис  æвзарæнон субъектты  (куыд квалифициргонд афтæ æнæквалифициргонд) алы  нысаниуæгджын активондзинад, сæ æвзарæнон  программæтæ  æмæ  позицитæ, рауагъдимæ уыдзæн сурдо-тæлмац  æмæ  сæйраг рауагъд  рæувадат  у сомихаг æмæ азербайджайнаг  æвзæгтыл (æвзаджы режим аивын гæнæн ис  сет-топ-боксы фæрцы).

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал план кæны специалон  æвзарæнон  формат «Дебаттæ 2021».