Куыд исдзысты ахуыргæнинæгтæ аттестат - ахуырады министрады æмбарынгæнæн
Ахуырады, зонынады, културæйы æмæ спорты министрад æмбарынгæнæн дæтты, цæмæй зæгъгæ куыд исдзысты скъоладзаутæ аттестеттæ.
Министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уый тыххæй цæмæй ахуырæгнинаг райса аттестат, хъуамæ йын уа алы фадыгы дæр æвæрццаг аргълæвæрд, фондз кæнæ та фылдæр баллы.
«2018-2019 ахуырадон азæй, паддзахады организацигонд скъолайы рауадзæн (а.х. САТ-ы) фæлварæнтæ, 11-æм æмæ 12-æм кълассæгтæн аивдтой.
- Ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ а.х. САТ-ы фæлварæнтыл фæкъуыхцы сты кæнæ та нæ райстой/нæ бахъом сты, аттестат райсдзысты, кæд æмæ алы фадыгы дæр сæм уыдзæн æвæрццаг баллтæ.
- Кълассыл ахизыны кæнæ фæлварæнты экстерны æртыстджынæй раттыны цауы, ахуыргæнинæгтæ аттестат райсдзысты, кæд æмæ сæм алы фадыгы æвæрццаг аргъ, фондз кæнæ фылдæр баллы уыдзæн.
- Аттестатты ратдзæн сервситы тынгады агентад, закъоны æмбæлгæ ивды скусын кæныны фæстæ. Фæнысангонд тыххæй информаци фæстæдæр æрцæудзæн пабликацигонд.
- Скъолафæудгондтæн, кæцытæ райсдзысты аттестат, уыдзæн бар регистраци ацæуой профессион кæнæ уæлдæр ахуыр райсыны нысанæй куыд 2019 азы, афтæ уый фæстæ азты дæр. Националон æмвæзадыл фæлварæнон регистрацийы æмгъуыдтæ райхъусын кæндзысты бæрæг æгъдауæй» – банысангонд у ахуырады министрады ахæлиугонд информацийы.