Кутаисы аэропорты бæлццæттæн поезды билеттæ авд боны дæргъы лæвар уыдзысты
Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы лæвар Кутаисы аэропорты бæлцæттæн: алы æмбæстаг, кæцы Куатисы аэропортмæ æртæхдзæн, кæнæ Кутаисæй аэропортæй æндæр æмæ æндæр рдæм абалц кæндзæн, Гуырдзыстоны æфсæнвæндагæй поезды билеттæ æнæфидгæйæ райсдзæн.
Æфсæнвæндаджы пресс-кусты информацийæ, 30 апрелæй авд боны дæргъы алы бæлццон кæцы Кутаисы аэропортæй авиабилет æфсæнвæндаджы кассамæ бавдисдзæн, Тбилисæй, Зугдидæй, Батумæй, Потæй æмæ Озургетæй Копитнармæ, æмæ Копитнарæй та Тбилисы, батумы, Зугдиды, Поты æмæ Озургеты æрдæм, – лæварæй балц кæндзæн.
Хицауады специалон барамындæй, ранæуæггонд станцæйæ Кутаисы аэропорты онг æмæ аэропортæй станцæйы рнг, бæлццæты транспортаци ифтонг кæндзæн Гуырдзыстоны аэропорттыиугонд. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй станцæйы номхуындæй «Кутаисы аэропорт» алы бæлццонон поезд æрлæудзæн», – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы.