Курт Волкер украинаг рауагъдад «Европейская Правдайæ» интервьюйы тыххæй æмбарынгæнæнтæ дæтты
Украинайы АИШ-ы паддзахадон департаменты раздæры специалон минæвар Курт Волкер украинаг рауагъдад «Европейская Правдайæ» интервьюйы тыххæй æмбарынгæнæнтæ хæлиу аразы.
Волкер социалон хызаг «Твиттеры» куыд фыссы афтæмæй, зæгъгæ Путин Гуырдзыстонмæ риторикæйы тыххæй нæ бабырста, фæлæ йæ фæндыд Трансатлантикон интеграци блокировкæ скæнын.
«Бæлвырд верси : Путин нæ бабырста Гуырдзыстонмæ йæ риторикæйы тыххæй. Уый фæндыд Гуырдзыстоны трансалтлантикон интеграци блокировкæ скæнын. Æцæг у, риторикæ йæ смæсты кодта, фæлæ Уæрæсейы агрессийæн йæхи аххосæгтæ уыд»- фыссы Волкер æмæ «Европейская Правда»-йæн лæвæрд интервьйы барастгонд вариан публикаци кæны.
Бакой уын кæндзыстæм, украинаг рауагъдады публикацигонд интервьюйы, америкаг дипломат 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты иуæй-иу аххосæй Владимир Путины тыххæй Михаил Саакашвилийы риторикæйы кой кодта.
Фæстæдæр рауагъдад, интервьюйы уыцы хай бараст кодта. Рауагъдад «Европейская Правда»-ы редакци куыд банысан кодта афтæмæй, интервьюйы фæнысангонд фрагменты зæгъгæ Курт Волкеры æркуырдæй ахæлиу кодтой, цæмæй бирæ растæй дæр бавдыстæуа йæ позици.