Курт Волкер – Украинайыл ныхасы рæстæджы ма хъуамæ ферох кæнæм, цæмæй ссарæм фæндаг  Гуырдзыстоны оккупаци кæрон скæнынæн, Евроцæдисмæ Украинайы интеграцийы рæстæджы нæ ма хъуамæ ферох уа  Гуырдзыстон дæр
Курт Волкер – Украинайыл ныхасы рæстæджы ма хъуамæ ферох кæнæм, цæмæй ссарæм фæндаг Гуырдзыстоны оккупаци кæрон скæнынæн, Евроцæдисмæ Украинайы интеграцийы рæстæджы нæ ма хъуамæ ферох уа Гуырдзыстон дæр

Европаг  политикæйы анализы центры  минæвары, НАТО-йы  Америкæйы Иугонд Штатты  раздæры минæвар, Курт Волкеры   фидиуæнæй,  зæгъгæ  нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны темæйы æхсæнадæмон   бонвæткы  ныууадзын  æмæ  Тбилисы цæугæ æхсæнадæмон конференцийы иуæй-иу  нысан растдæр уый у.

«Ацы конференци  фыццаг хатт куы  уыд бындурæвæрд, кæцы  куыд хъуыды кæнын,  2015  азы  æрцыд, уымæн уыдис дыууæ  принципон  рард  æмæ ацы рардтæ абон дæр  релевантон сты. Фыццаг рард у  Ныгуылæнæй  адæмы æрласын Гуырдзыстонмæ, цæмæй  уыдон базоной  ацы бæстæйы тыххæй, цæмæн æмæ бирæ  æнæраст цæстæнагс ис Гуырдзыстоны фæдыл, хъуыды кæнынц, цæмæй ацы бæстæ дард у æмæ  эгзотикон у.  Æнæхъæн æхсæв  хъæуы тæхын æмæ  æнхъæлынц, цæмæй  уый у æввахс скæсæны.  Ацы  адæмы æрласын  æмæ бæстæйы  базонын кæнын у  нысаниуæгджын, уымæн, цæмæй  сæхæдæг  банкъарой  æмæ феной, цæмæй Гуырдзыстон у Европаг  бæстæ.  Культуронæй, историонæй, менталонæй,   ориентацийæ уый у европаг бæстæ. Ардæм чи æрцæуынц  уыцы адæм  сты  сахадæг адæм сæ фыдыбæстæйы;

Дыккаг нысан та у уый, цæмæй  сифтонг кæнæм  Гуырдзыстоны фарста ныууадзын бонвæткы.  Дунейы   кæддæриддæр вæййы кризистæ, кæцытæ  хъусдард сæхимæ аласынц – хæст Иракы, хæст Сирийы, Ливийы, Тайван, ныр та Украина – æмæ адæмы гæнæн ис æрбайрох уа  Гуырдзыстон. Уый тыххæй нысаниуæгджын  у  Гуырдзыстоны темæйы  æзсæнадæмон  бонвæткы ныууадзын.  Куы ныхас кæнæм Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийыл, уæд нæ  зæрдыл хъуамæ   лæууа,  цæмæй Уæрæсе Гуырдзыстонмæ 2008 азы  æрбабырста, 15 азы  размæ æмæ  абон дæр оккупацигонд сты  Гуырдзыстоны территоритæ.  Уымæ гæсгæ дæр,  Украинайы хæсты тыххæй  куы ныхас кæнæм æмæ рацæуæн агурæм, ма хъуамæ ферох кæнæм  цæмæй  афтæдæр  хъуамæ бацагурæм  фæндаг Гуырдзыстоны оккупаци  кæрон скæнынæн дæр.  Евроцæдисмæ Украинайы фæтагъдгонд уагæй интеграцийы кой куы кæнæм, уæд ма хъуамæ рох кæнæм  Гуырдзыстон дæр», –  райхъусын кодта Курт Волкер.

Тбилисы æрвылазон  æхсæнадæмон  конференци «Путинимзмы басаст», знон багйом ис.