Курт Волкер - Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны территориты дæргъвæтин бордеризацийыл, дæргъвæтин  анексийыл фылдæр хъусдард раздахын хъæуы
Курт Волкер - Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты дæргъвæтин бордеризацийыл, дæргъвæтин анексийыл фылдæр хъусдард раздахын хъæуы

Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны территориты дæргъвæтин бордеризацийыл, дæргъвæтин  анексийыл фылдæр хъусдард раздахын хъæуы – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Вильнюсы  НАТО-йы  АИШ-ы  раздæры минæвар, Курт Волкер загхта.

Фæнысангонд  фарстайыл, Курт Волкер  æмæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Лиетувæйы  фæныхас кодтой.

Курт Волкеры аргълæвæрдæй, Уæрæсейы  æрдгæй цæджындзыты  æмæ æмбондты   арæзтад  адæмы сæрмагонд хæдзæрттæй  æмæ  хæстæджыты  уæлмæрдтæй  раскъуыдта.

«Фыццаджы дæр, ай  у æбуалгъ  трагеди  адæмæн, уым чи цæры  уыдонæн.  Ай у  мæнмæ гæсгæ  алкæмæн йæ зæрдыл цы хъуамæ лæууа  уый, цæмæй адæмæнсæрмагонд хæдзæрттæм, ,  сæрмагонд хъæутæм, мыггаджы  уæлмæрдтæ кæм ис  уырдæм  æрыздæхын сæ бон нæу  æмæ  сын нæй фадат æрыздæхой  нормалон  цардуагмæ.  Уæрæсейы  æрдгæй цæджындзыты  æмæ æмбондты   арæзтад  адæмы сæрмагонд хæдзæрттæй  æмæ  хæстæджыты  уæлмæрдтæй  раскъуыдта.  Адæймæгтæм нал ис фадат сæрмагонд  хæдзарадмæ базилын æмæ уый у  сеппæтæй   взæрдæр ми. Дыккаг –  ай  у  , 2008 азы  æхсты фæурæды фæдыл бадзырды  миниуджыты цæхгæр  ныхмæлæууæг, абсолютонæй йæ ныхмæ  у уыцы  нысанæн,  цæй тыххæй дæр сырæзт Женевæйы бадзырдтæ.  Афтæдæр  æбуалгъ трагедий у  ацы   адæмæн» –  райхъусын кодта АИШ-ы  раздæры минæвар НАТО-йы.

Афтæма Курт ВОлкер фæнысангонд  фарстайы æрдæм æхсæнадæмон дзыллæйы хъусдарды нысаниуæг бахахх кодта.